🖼 Горӕтгӕроны районы кадджын цӕрджытӕ! Абон нӕ Ирыстон бӕрӕг кӕнынц нӕ кадджындӕ…

Горӕтгӕроны районы кадджын цӕрджытӕ!

Абон нӕ Ирыстон бӕрӕг кӕнынц нӕ кадджындӕр бӕрӕгбӕттӕй иу – Хетӕджы Уастырджийы бон, ӕмӕ уын уый фӕдыл зӕрдиаг арфӕ кӕнын!
Дунесфӕлдисӕджы фӕндӕй Куырттаты комы алӕмӕты ӕрдзы хъӕбысы равзӕрд табуйаг фӕдзӕхсӕн бынат – Хетӕджы Уастырджийы къох. Куыд иннӕ хӕттыты, афтӕ та ныр дӕр дзуары бынмӕ ӕрбамбырд уыдзысты бирӕ дзыллӕтӕ, сӕ бинонтӕ ӕмӕ хиуӕтты бафӕдзӕхсдзысты Хуыцау, Хетӕджы Уастырджи ӕмӕ иннӕ сыгъдӕг зӕдтыл.
Фыдӕй-фыртмӕ Хетӕджы Уастырджийы зонӕм, нӕ адӕмы иудзинадыл хорзӕрдӕм чи ахады, фӕрныгдӕр фидӕнмӕ фӕндагыл нын ныфс чи дӕтты, ахӕм ӕргом дзуарӕй. Ӕмӕ уӕдӕ Дунейы фарн зӕгъӕд, цӕмӕй нӕ алкӕйы зӕрдӕйы дӕр уа ацы бӕрӕгбоныл рухс ӕнкъарӕнтӕ, сыгъдӕг зӕрдӕ ӕмӕ удвӕллой бӕркадимӕ сӕмбӕлыны хъомыс.
Мӕ зынаргъ ӕмзӕххонтӕ! Уе ‘ппӕты дӕр Хетӕджы Уастырджийы хорзӕх уӕд! Дзуар уын хӕссӕд ӕнӕниздзинад, бӕркад ӕмӕ фарн!
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы та нӕ хъӕбатыр ӕмӕ ныфсджын лӕппутӕй йе ‘фсӕддон хӕс чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй тагъд рӕстӕджы уӕлахизимӕ сӕрӕгасӕй сӕ къонатыл куыд сӕмбӕлой. Нӕмыгӕй хызт ут, Хетӕджы Уастырджийы фӕдзӕхст!
Дзуары бон Ирыстоныл афӕдзӕй-афӕдзмӕ рӕсугъддӕрӕй куыд цӕуа, ахӕм амонд нӕ уӕд!
Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд!

ГАГЛОЙТЫ Алан, Горӕтгӕрон районы сӕргълӕууӕг