🖼 💥Сæдæ æхсай фондз азы ирон адæм æппæты æхсызгондæр цы ном дзурынц, уый у Къост…

💥Сæдæ æхсай фондз азы ирон адæм æппæты æхсызгондæр цы ном дзурынц, уый у Къоста. Лæджы номыл хуыздæр зæгъæн цы ис, уый зæгьынц Къостайы тыххæй.

Табуйаг цы ныхас у, уый у Къостайы ныхас. Гуырысхойаг цы хъуыды нæу, уый у Къостайы хъуыды. Адæм сæ зæрдæ кæуыл нæ ивынц, уыдон сты Хур æмæ Къоста. Лæг алцæмæй дæр æлгъæд кæны, фæлæ, æфсис цæмæй нæ зоны, уый у «Ирон фæндыр».

Ӕмӕ та ацы аз дӕр нӕ хъӕуы администраци ӕмӕ культурӕйы хӕдзар нӕ чысыл сабитӕн бацӕттӕ кодтой ерыстӕ, кӕцыйы нӕ жюрийы уӕнгтӕ равзарзтой сӕ хуыздӕрты.