🖼 Абон Ирыстоны райдыдта стыр бæрæгбон — Уастырджимӕ кувӕн къуыри! ===================== А…

Абон Ирыстоны райдыдта стыр бæрæгбон — Уастырджимӕ кувӕн къуыри!
=====================
Ацы бонты дзаг фынгты цур бирӕ куывдтытæ райхъуысдзӕн, æмæ куыд ӕххӕст кæной, уый стыр Хуыцауы цӕст бауарзӕд! Уастырджийы бӕрӕгбон уын уӕ фӕндӕгтӕ рæсугъд кӕнӕд, амондджын ут!

Уæ хæдзӕрттӕм уын фарн æмæ ӕнӕниздзинад хæссæд алы хатт дӕр! Фыдбылызтæй хызт ут! Йӕ кувӕн ныхӕстӕ хуыздӕр чи зӕгъа, уый арфӕтӕ ӕгас Ирыл дӕр цӕгатӕй-хуссармӕ ӕрцӕуӕнт! Уе ‘ппӕты цæрæнбон дӕр бирæ уæд!

Арфæйаг ут, бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!




🔁🎬 Дорогие земляки! Наступает священный для всей Осетии национальный праздник …

Forwarded From АМС с. Камбилеевское

Дорогие земляки! Наступает священный для всей Осетии национальный праздник – Джеоргуыба! 
 
Эта праздничная неделя – время духовного единения всего нашего народа, всей нашей республики.
 
Уастырджийы бонтӕ стирают национальные, религиозные, административные границы, выходя далеко за пределы нашей республики. Этот праздник отмечают везде, где есть люди родом из Осетии. Это символ связи поколений, нашей общности, нашего единства.
 
В дни праздника в каждом доме будут звучать молитвы о благополучии родной земли и о здоровье близких. О покровительстве Всевышнего во всех добрых начинаниях. 
 
И, конечно, мы будем молиться о наших воинах, которые сегодня доблестно сражаются за мир и свободу. Пусть Уастырджи поможет им в их трудном, но праведном деле. Пусть оберегает и придает сил!
 
Мæ зынаргъ æмзæххонтæ!
Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæдыл уын арфæ кæнын!
Уастырджи хъахъхъæнæг уæд нæ Ирыстонæн, æнгомдæр нæ кæнæд, цæмæй рæстæджы сæрты æнтыстджынæй хизæм, цæмæй нæ нысантæ къухы æфтой!

Амондджын, æнæниз æмæ фæрнджын уæм!

Video is too big




🔁🖼 Мӕ зынаргъ ӕмӕ уарзон Горӕтгӕрон районы цӕрджытӕ! Абон ӕппӕт дунейыл ирӕттӕ …

Forwarded From Алан ГАГЛОЕВ

Мӕ зынаргъ ӕмӕ уарзон Горӕтгӕрон районы цӕрджытӕ!

Абон ӕппӕт дунейыл ирӕттӕ райдайдзысты бӕрӕг кӕнын Джеоргуыбайы бӕрӕгбон! Кувдзысты Стыр Хуыцау ӕмӕ Уастырджимӕ! Йемӕ не’ ппӕты куывтытӕ айсӕнт! Хордзинӕдтӕй уӕ цард байдзаг уӕд! Ӕнӕниздзинад ӕмӕ сабырдзинад раттӕт!

Йе Уастырджи, ӕххуысгӕнӕг у Ирыстоны адӕмӕн!

Уӕлдай дӕр та нӕ хӕстонтӕн! Тагъд рӕстӕджы Уӕлахизимӕ дзӕбӕхӕй сӕ хӕдзӕрттыл куыд сӕмбӕлой!