🔁🖼 Мӕ уарзон Горӕтгӕрон районы адӕм!

image_pdfimage_print

Forwarded From Алан ГАГЛОЕВ

Мӕ уарзон Горӕтгӕрон районы адӕм!
Абон ӕнӕхъӕн Ирыстон нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы ирон адӕмӕн у стыр бӕрӕгбон – Хетӕджы Уастырджийы бон, ӕмӕ уӕ йӕ хорзӕх уӕд уе’ппӕты дӕр.
Абон иууылдӕр кувдзыстӕм Стыр Хуыцау ӕмӕ Уастырджимӕ, нӕхи, нӕ бинонты, нӕ къабӕзты фӕдзӕхсдзыстӕм. Йемӕ уе’ппӕты куывдтытӕ хъуысты уӕнт, ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ ахъазгӕнӕг уын уӕнт Стыр Хуыцау ӕмӕ Уастырджи.
Уымӕй фылдӕр та кувдзыстӕм ӕмӕ курдзыстӕм нӕ хӕстонтӕн, дард раны йӕ Фыдыбӕстӕйӕн йӕ тыхтӕ ӕмӕ цӕрд чи нӕ бацуардта. Лӕппутӕ, Стыр Хуыцау ӕмӕ Уастырджи уын ӕххуысгӕнӕг. Абон сымах дӕр кувдзыстут ӕмӕ уӕ куывд фыццаджыдӕр Хуыцаумӕ хӕццӕ кӕнӕд. Тагъд рӕстӕджы сӕрӕгасӕй ӕмӕ сӕрбӕрзондӕй уӕлахизимӕ уӕ хӕдзӕрттыл сӕмбӕлут.
Ирон адӕм, Хетӕджы Уастырджийы хорзӕх уӕ уӕд! Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уыл азӕй азмӕ дзӕбӕхӕй, хъӕлдзӕгӕй, ӕнӕмастӕй ӕмӕ ‘нӕфыдбылызӕй куыд цӕуой, уый уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы. Хуыцауы хорздзинӕдтӕй хайджын ут!

Вам может также понравиться...