🖼 Дæ мидбылхудт, Алан, лæудзæн нæ зæрдыл, Дæ уæздан ныхас никуы уыдзæн рох. Ды ауыг…

image_pdfimage_print

Дæ мидбылхудт, Алан, лæудзæн нæ зæрдыл,
Дæ уæздан ныхас никуы уыдзæн рох.
Ды ауыгътай дæ къух дæ рæсугъд фæндтыл,
Дæ бинонтыл куы ныккодта фыдох.

Ныййарæг мад, цæй тых разынд дæумæ та?!
Дæ иунæг хъæбул сау мæрмæ фæцыд.
Ныр йе ‘мгæртты хсæн нал æрлæудзæн – зон æй.
Нæ уарзон хъæу æцæг лæгæй фæхъуыд.

Йæ кары дæр куы на бацыд, тæхуды,
Дæ зæрдæ атона, ныййарæг мад!
Куы рахæсдзæн Стыр Хуыцау тæрхоны,
Æмæ йын гом уыдзæн дзæнæты дуар.

Рухсаг у Алан…..

Вам может также понравиться...