🖼 НЫФС Тызмæгæй мæм ма кæс, Мæ фыды зæронд, Дæ зæрдæмæ ма хæсс Мæ зæрдæйы конд! Йæ ф…

image_pdfimage_print

НЫФС

Тызмæгæй мæм ма кæс, Мæ фыды зæронд, Дæ зæрдæмæ ма хæсс Мæ зæрдæйы конд!

Йæ фыды фæндиаг Кæм вæййы фырт дæр? — Лæппуйæ рæдиаг Нæ вæййы æвзæр!

Дæ номыл, дæ кадыл Нæ барын мæхи, — Ныууадз мæ мæ адыл, — Фæндон хорз кæм и?!.

Хетæгкаты Къоста

Вам может также понравиться...